Дзанайты Барисы разамындæй уыд хицауады æмбырд
Æнæнхъæлæджы уавæртæ ма руадзын æмæ иуварс кæныны иумæйаг паддзахадон системæйы куыстæн хатдзæгтæ уыимæ ацы азмæ нысантыл æрдзырдтой хицауады хæдзары. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Куысты архайдтой профилон ведомствæты минæвæрттæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Николай Иванов йæ раныхасы рæстæг фæнысан кодта сæ архайды сæйраг бæрæггæнæнтæ. Афтæ, ивгъуыд аз æнæнхъæлæджы уавæртæ ма руадзын æмæ иуварс кæныны иумæйаг паддзахадон системæйы специалисттæ рацыдысты 738 фæндаггон фыдбылызы иуварс кæнынмæ. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ цаутæ фæкъаддæр сты 3,8%. Уæззаудæр фæстиуджытæ куыд цæрджытæн, афтæ экономикæйæн æрхæссынц зынгсирвæзтытæ. Æдæппæтæй рацыдысты 1395 зынгсирвæзтмæ. Доны объектты фыдбылызтæ бантыст 27% бæрц фæкъаддæр кæнын. Афæдзы райдианæй Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ сарæзтой 94 сгарæн-ирвæзынгæнæн куысты. Уый руаджы фервæзын кодтой 63 адæймаджы. Ацы азмæ ахуырадон-методикон æмбырды архайджыты размæ Дзанайты Барис сæвæрдтæ сæрмагонд хæстæ.