Алайнаг гимназ. Фидӕнмӕ ӕвӕрӕн
Ирон ӕвзаг, традицитӕ ӕмӕ культурӕ сӕфынц. Ӕрвылбон хъусӕм уыцы ныхӕстӕ. Рохуаты цӕмӕй ма баззайой уымӕн цы кӕнын хъӕуы, уый ӕнӕмӕнг зонынц Алайнаг гимназы. Ахуыргӕнӕндон кусын райдыдта 2017 азы. Йӕ сӕйраг нысан уыд ирон ӕвзаг бындуронӕй ахуыр кӕнын. Предметты фылдӕр хай амонынц мадӕлон ӕвзагыл. Уымӕй уӕлдай, гимназы сабиты ӕнтыстджынӕй ӕмхиц кӕнынц ирон традицитӕ ӕмӕ культурӕмӕ. Гимназы ахуыргӕнджыты профессионалон ӕмвӕзад ӕппынӕдзух уӕлдӕр кӕнынӕн та арӕзт ӕрцыд сӕрмагонд проект. 8 азы рацыд Алайнаг гимназ йӕ дуӕрттӕ куы байгом кодта, уӕдӕй абонмӕ. Уыцы рӕстӕгмӕ ахуыргӕнӕндоны цард куыд фӕивта, стӕй йӕ размӕ цы хӕстӕ ӕвӕрдта, уыдон сӕххӕст сты? Кӕсут информацион портал «15-ӕм Регион»-ы ног проект «Иры намыс»-ы фыццаг рауагъдмӕ. Ныхас кӕнӕм Алайнаг гимназы сӕргълӕууӕг Цӕразонты Мӕдинӕимӕ.