Хæххон курорт «Мамысон» байгом уыдзæн февралы
«Мамысон» байгом уыдзæн февралы. Республикæйы сæйраг туристон объект канд къахдзоныгътыл бырæн курорт нæ уыдзæн, фæлæ фæлладуадзынæн æмæ сфæлдыстадæн æрвылазон тыгъдад. Уый тыххæй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаровимæ æмбырды рæстæг æрдзырдтой арæзтадон къæпхæнтыл. Куыстыты фылдæр æмæ зындæр хай æххæстгонд æрцыд. Специалисттæ ауагътой ауындзгæ фæндаджы рæтæн. Фидар æй кæнынц. Уазджытæн сæ бон уыдзæн хæрдмæ 3 мин метры бæрзæндмæ схизын. Дыккаг, цыбырдæр рæтæн фæндаг. Ныртæккæ куыд кусы, уый иртасынц. Цæттæ кæнынц сæрмагонд бынæттæ ифтонггæрзтæн. Фæлладуадзынæн фыццаг объекттæ дæр дзы сарæзтой. Адæмæн фадат уыдзæн рæстæг арвитын куыд модулон хæдзæртты, афтæ парахат коттеджты. Фæзындзæн ма дзы ресторан дæр. Сæргълæууæг фæнысан кодта, «Мамысон» уыдзæн Цæгат Кавказы нырыккондæр æмæ рæсугъддæр хæххон курорт.