Цæгат Ирыстоны 3 æнæкоммерцион куыстуаты систы Президентон грантты фонды æркасты уæлахиздзаутæ
Цæгат Ирыстоны 3 æнæкоммерцион куыстуаты систы Президентон грантты фонды æркасты уæлахиздзаутæ. Социалон-культурон куыстуат "Благодать" райстой фæрæзтæ сæ проект сæххæст кæнынæн. Ныхас цæуы нымæтæй конд дзауматы коллекциты равдыст саразыныл. Гранты руаджы йæ куыст дарддæр æххæст кæндзæн "Вешалка добра" - "Быть добру" хæрзаудæн фонды проект. Йæ фæлгæты æххуысцух адæм лæвар исынц уæлæдарæс, хойрæгтæ, хостæ æмæ æндæр хъæугæ дзауматæ. Зæгъæм, Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ, Херсоны, Запарожье æмæ Курскы облæсттæй лигъдæттæн. Уыимæ, æфсæддонтæ æмæ госпитальты чи ис, уыдон. "Вешалка добра" цы рæстæг кусы, уæдмæ æххуыс райстой 40 мин адæймагæй фылдæр. Грантты æркасты иу уæлахиздзау ма — Цæболты мыггаджы историон бынтæ бахъахъхъæныны Цæгат Ирыстоны регионалон æхсæнадон куыстуат. Активисттæ конкурсмæ балæвæрдтой мыггаджы мæсыг сног кæныны проект. Æдæппæтæй гранттæ райсынмæ пректты нымæц уыд 10 мины.