Республикон центр "Феникс"-ы реабилитацы цæуынц инвалид-сывæллæтæтæ
Сывæллæтты æхсæнады цæрынмæ бацæттæ кæнын у центры специалистты сæйраг нысан. Дзæбæхгæнæн мадзæлттæ сты бирæвæрсыг, адих сæ кодтой æртæ къордыл: цæттæгæнæн-методикон, социалон-медицинон æмæ социалон-педагогоныл. Сабиты исынц поликлиникæйы æмæ цæрджыты социалон хъахъхъæнынады управленийы амынддзинадмæ гæсгæ. Специалистты къорд сбæрæг кæны сывæллоны реабилитацийы хъомыс. Дарддæр бацæттæ кæнынц дзæбæхгæнæн мадзæлтты пълан. Æмткæй ахæсынц цыппар къуырийы. Центры ис сæрмагондæй ифтонггонд хæринаггæнæн бынат. 11 азæй 17 азы онг сывæллæтты дзы ахуыр кæнынц æппæт кусæнгæрзтæй дæр раст архайын. Йæ астæуы стæг æмæ къæхтæ хъыгдард кæмæн сты, уыцы сывæллæттæн тæбæгътæ фидаргонд вæййынц стъолмæ, прибортæ та уæззаудæр. Продукттæ æдасæй кæрдынæн та фæйнæджытæ. Ныййарджытæн саразынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ: зонгæ сæ кæнынц ифтонггæрзтимæ, цæмæй реабилитаци дарддæр хæдзары æххæст кæной. Хæринаггæнæн бынатмæ коляскæйы чи бады, уыцы сывæллæтæ бахауынц æнæ къуылымпыйæ. Бæстыхайы дуæртты бахизæнтæ сты фæтæн, къултыл та фидаргонд ис æнцойгæнæнтæ. Æвзæр чи уыны, уыдонæн брайлы шрифтимæ фæйнæджытæ æмæ рельефон ахизæнтæ. Ахуырты пайда кæнынц ног технологитæй. Дефектолог æмæ логопед сывæллæттимæ архайынц интерактивон стъолы уæлхъус. Пайда дзы кæнынц ныхасы æмæ уæлдæр психикон функциты рæзтæн. Кусынц сфæлдыстадон гæнæнтæ фылдæр кæныныл дæр.Æнгуылдзты змæлды тыххæй бийынц бисерæй, кæнынц ныв. Ныййарджытæн бацæттæ кæнынц театралон равдыстытæ. Скъоладзаутæ реабилитаци цæуынц скъолайы программæйæ ма фæцух кæнгæйæ. Сæйраг предметтæм гæсгæ семæ кусы райдиан кълæсты ахуыргæнæг. Бæрзонддæр кæнынц иумæйаг иммунитет, сæрмагонд гæрзты фæрцы хуыздæр кæнынц улæфт. Агъуысты сарæзтой æрдзон лæгæты климæт. Реабилитацион балцвæды алы сывæллонæн дæр нысангонд ис массаж æмæ дзæбæхгæнæн физкультурæ. Хуымæтæг комплексон архайд нæу, сабийы астæуы стæг хъыгдæрд куы уа, уæд дзæбæхгæнæн мадзæлтты рæстæг пайда кæнынц Аделы уæлæдарæсæй. Уый фæрцы раст слæууынц, фæхъæддых кæнынц хæцъæфтæ. Фæсивæдæн ма се 'нæниздзинад фæфидар кæныны гæнæн ис бассейны дæр. Æрвылаз ам реабилитаци ацæуынц 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 500 инвалид-сывæллонæй фылдæр. Ахæм дзæбæхгæнæн курсы фæстæ сæ æнæниздзинад фæхуыздæр вæййы пациентты 85-88 процентæн.